Стыр æмæ кадджын бæрæгбон уыд Зилгæйы хъæуы. Æрвылаз вæййы августы æртыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбонæн ис ахадгæ мидис. Ирыстоны стырдӕр хъæутæй иуы цæрджытæ йæм сæхи бæстонæй бацæттæ кæнынц. Æртыгай чъиритæ æмæ мысайнӕгтимæ сæмбæлынц, сæ хъæуы цы кувæндон ис, уырдæм. Хъæубæсты цинæн æвдисæн уыдысты ме 'мкусджытæ дæр.
Хистæртæ кувынц Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм. Курынц сæ уарзон хъæубæстæн фарн æмæ амонд. Æрвылаз, майрæмы мæйы æртыккаг хуыцаубоны Зилгæйы цæрджытæ æрæмбырд вæййынц сæ хъæуы куывдмæ. Бæрæгбоны фæдыл сæ кæрæдзийæн фæкæнынц зæрдиаг арфæтæ. Сæ кувинæгтимæ: æртыгай чъиритæ, æртæ æртæдзыхæттæ ӕмӕ бæгæныимæ цæуынц кувæндоны бынмæ. Ардæм карз нозт хæссæн нæй.
Хъæуы куывдмæ Зилгæйы цæттæ кæнын райдайынц рагацау æмæ зæрдиагæй. Хъæубæсты дзыллæтæн у ахсджиаг æмæ, стыр аргъ кæмæн кæнынц, ахæм бон. Ацы аз фысымы хал схауд Кодзырты фæрныг хæдзарæн.
Ацы бæрæгбонæн ис стыр нысаниуæг – адæмы кæны æнгомдæр, иузæрдиондæр. Уымæй уæлдай ма фæсивæд дæр разæнгард кæны нæ фыдæлты æгъдæуттæ зонынмæ, кад сын кæнынмæ. Ууыл сæ ахуыр кæнынц сæ хистæртæ. Дзуары лæг Дзусаты Барисы ныхæстæм гæсгæ, Ирыстон рагæй дæр зынгонд у йæ сыгъдæг бынæттæй æмæ сæм цæуын дæр сыгъдæг зæрдæйæ хъæуы. Кæннод куывдытæ барст нæ уыдзысты.
Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, бæрæгбон бæрæг кæнын райдыдтон суанг 1888-æм азы. Уыцы заман Зилгæйы цъайтæ нæ уыд. Хъæуы астæу та уайы Камбилеевкæйы цæугæдон æмæ адæм йæ былтыл æрцардысты. Нуазгæ дæр уырдыгæй кодтой. Уæд иуахæмы сæумæрайсом, цалынмæ дон змæст нæу, уӕдмӕ, зæронд лæг рацыд дон æрæмбырд кæнынмæ. Йæ донгæрзтæ куы 'руагъта, дон сисон зæгъгæ, уæд ыл æрцыд диссаджы цау.
Куывдмæ канд Зилгæйы цæрджытæ не 'рбацæуынц, фæлæ ма хъæуæй рацæуджытæ Ирыстоны алы рæттæй дæр. Æмæ иуылдæр кувынц. Куыд æмбæлы, афтæ алы хæдзары æфсин дæр æрбахæссы уæлибæхтæ. Алкæмæн дæр йæхи рыст, йæхи фæндон ис, фæлæ ам баиу вæййынц. Курынц, сæ бинонтæ дзæбæх, æнæниз куыд уой.
Куывдтæ кæнын ирон адæмæн фыдæлтæй баззад. Сæ сæйраг нысан у адæмы иудзинад æмæ хæлардзинад. Зилгæйы цæрджыты дæнцæг та фæзминаг у æгас Ирыстонæн. Æмæ кæд абон хæцгæ низ дунейыл апарахат æмæ, иннæ азтæй уӕлдӕй, къаддæр адæм æрбацыд кувæндонмæ, уæддæр Зилгæйæгтæ дызæрдыг нæ кæнынц, фæрнæйдзаг бонтæ та, æнæмæнг, кæй ралæудзысты. Æмæ та адæм æдæрсгæйæ кæй цæудзысты кæрæдзимæ.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Ещё видео!