Æвæдза, адæм куыд алыхуызон сты. Æрмæст сæ кондмæ гæсгæ нæ. Мæнмæ цымыдисагдæр кæсы адæймаджы миддуне. Чи фæлмæнзæрдæ, чи карз. Чи рæдаукъух, кæмæн та йæ арм æдзух æхгæд у. Иутæ иннæтыл аудынц, иннæтæ та дæм зын сахат кæсгæ дæр не рбакæндзысты…
Мæ абоны уазæджы, нырма æвзонг уыдтæн, афтæмæй зонын. Уый мæ чи зоны нæ бахъуыды кодта, уæвгæ, мæ хуызæн студенттæ йæ алыварс бирæ уыд. Æз та йæ мæ зæрдыл бадардтон. Куы хистæр кодтон афтæ йыл арæх æмбæлыдтæн. Фылдæр æхсæнадон куыстыты фæдыл.
Æмæ мæм цымыдисаг фæкаст – цæмæн афтæ кæны? Иннæмæн исты хорздзинад скæнын æй афтæ тынг фæнды?
Æз, йæ раздæры студент, мæхимæ ныфс ссардтон æмæ йын йæхи бафæрсдзынæн.
Уазæгуаты та æнхъæлмæ кæсын профессор, академик Æлборты Иванмæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Ещё видео!