Бельгийы цæрæг ирæттæ сбæрæг кодтой Фыццаг Дунеон Хæсты кæронбæттæн бон. Ахицæн 11 ноябры 1918 азы. Æрымысыдысты хæсты архайджыты рухс нæмттæ. Бабæрæг кодтой не`мзæххон Азиты Хъырымы цырт. Уый райгуырд Хуымæллæджы 1894-æм азы. Уæды рæстæг, йе`мбæстæгты хуызæн, араст фæсарæнтæм куыстагур. Хæст куы нæма райдыдта, уæд Японийæ бафтыд Австралимæ. Сæ æфсæддон тыхы скондæй барвæндонæй ацыд хæсты быдырмæ. 1915-æм азæй хæцыд австралиаг æмæ ногзеландиаг æфсаддон къорды. Афæдзы фæстæ тугкалæн тохы бацыд Бельгимæ ’ввахс хæсты быдыры. Уым ыл бирæ цæфтæ сæмбæлд. Афтæмæй фæмард 17-æм октябры. Азиты Хъырымы баныгæдтой Белгийы, горæт Ипры. Æбæрæгæй баззадаид, фæлæ нæ республикæйы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады руаджы хъайтары ном сæнусон кодтой.
Абон ын кад скодтой ирон диаспорæ æмæ Теркы хъазахъхъаг æфсады минæвæрттæ. Æфсады хистæр Алыты Роман нын куыд радзырдта, афтæмæй хæсты архайæг, Ирыстонæй рацæуæг Азиты Хъырымы ном ссарын банымадтой сæ хæсыл.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Ещё видео!