Басылтæ, хæдзаронтæ æмæ, афæдзы дæргъы амондджын чи уыдзæн, уый бæрæггæнæн — æртхурон. Ирон адæм сбæрæг кодтой уарзондæр бæрæгбæттæй иу — Ногбон. Ацы бонмæ бинонтæ сæхи рагацау фæцæттæ кæнынц. Хуыцауыл сæхи бафæдзæхсынц. Ракурынц, цæмæй Ног аз уой æнæниз æмæ амондджын. Ногбоны бæрæгбоны Ирыстонæн рухс фидæн ракуырдтой Беслæны хистæртæ дæр.
Ног азы бæрæгбоныл хъæлдзæгæй сæмбæлынц æгас дунейы. Алы адæмыхатт дæр æй бæрæг кæны йæхи нымадмæ гæсгæ. Сбӕттынц æй сæхи æгъдæуттимӕ æмæ хицæндзинæдтимӕ. Хицӕн фæткмæ гæсгæ Ног аз бæрæг кодтой ирон адæм дæр. Афтæмæй, абон цыппæрæмæхсæв, бæрæг кæнынц ногбон. Ацы аз æрхауд 12-æм январьмæ.
Ногбоны фынгтæ вæййынц бæркадджын. Æнæмæнг дзы хъуамæ уа æртхурон. Æфсинтæ йæ скæнынц уæлдай рæсугъддæр æмæ дзадджындæр.
Ирыстонӕн рухс фидæн Ног азы Хуыцауæй ракуырдтой Лæгты Дзуары кувæндоны Беслæны. Мыггагмæ æнусон ницы у, - зæгъынц. Царды цалх зилы æмæ иу фæлтæр иннæйы ивы. Куырыхон хистæртæ кæстæрты дæр сомбоны цардмæ цæттæ кæнынц. Фидæны ма сæ фæнды сæрмагонд æмбырдтæ аразын. Фæсивæд дæр сты фæзминаг. Уыдон хи хъарутӕй базылдысты кувæндонмæ. Æмæ абон сæ хистæртæн ис Ногбонæн скувыны фадат райдзаст æмæ зылд бæстыхайы.
Хистæртæм ис кæстæрты 'хсæн æгъдæутты фæтк парахат кæныны хорз хъуыды. Дзурын сын, куыд равзæрдысты нæ кувæн бынæттæ дæр. Фидарæй нӕ уырны, уӕд нæ уырнынад, не 'гдæуттæ сæфт кæй никуы уыдзысты, уый.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Ещё видео!