Турчы цæрæг ирон адæмæй фыдыуæзæгæй уазджытыл зæрдиагæй чи сæмбæлы, уыдонæй иу у Пухаты Жале. Бакастæй куыд аив у, афтæ рæсугъд у йæ удысконд дæр. Жале ирон адæмимæ баст цауы тыххæй исты фехъусæд, æмæ та уайтагъд уым балæууы. Йæ фыдæлты туг кæй дадзинты згъоры, уыдоны уынд ын кæддæриддæр æхсызгон вæййы. Уымæн сæм атагъд кæны. Турчы йæм ис мыдадзын фигурæты музей. Жале уыдис, ахæм куыст фыццаг чи райдыдта кæнын ацы паддзахады, уыдоны `хсæн.
Сахат дæр ын фаг нæ вæййы Пухаты Жалейæн, цæмæй йæ музейы тыххæй æххæстæй радзура. Уыцы рæстæг ма суанг йæ цæстытæ дæр цæхæр скалынц. Æмæ дзы кæй нæ фендзынæ музейы... Æгас зæххы къорийыл йæ ном кæмæн анæрыд, уыдонæй иу дæр фæстейы нал ныууагъта. Афтæ дзы раст Уæрæсейы зынгæдæр лæгты сурæттæ дæр бынат ссардтой. Иуæй-иннæмæ се `хсæнты цæуы Жале æмæ сæ алкæйы тыххæй дæр исты цымыдисæгтæ дзуры. Йæ куыстæй нæ фæллайы.
Пухаты Жале йæхиуыл куы феууæндыд, уæд ын Стамбулы арæнтæ фаг дæр нал кодтой. Афтæмæй йæ музейы диссæгтæ Турчы цы ран нал балæууын кодта, иу ахæм нал баззад. Кæмфæнды сæ ма фенæнт, адæм сыл сæ цæст æрæвæрынц. Бирæтæ сæ уынгæ нæ, фæлæ сын сæ койыл дæр никуы бамбæлдысты. Стыр разæнгардæй дæр æм уымæн фæхъусынц Жалемæ.
Талынг агъуыстыты, сæрмагонд рухсы фæрцы Пухаты Жале ивгъуыдмæ анывæзта историйы фидар тæгтæ. Хуымæтæджы нæ дзырдæуы, ивгъуыд кæмæн нæй, уыдонæн сæ фидæн дæр бæллиццаг нæ вæййы, зæгъгæ. Жале цы адæмыхатты минæвар у Турчы, уыдонæй хуыздæр æй чи хъуамæ `мбара ацы хъуыдыйы мидис. Йæ алыварс ма ирон адæмæй чи ис, уыдон фидарæй хæцынц фыдæлты `взаг æмæ `гъдауыл. Афтæ цы бон нал уа, уыцы бон сын сæ фæд дæр ничиуал ссардзæн. Афæдзæй-афæдзмæ сын уый зындæр у. Уымæ гæсгæ йæм исчи Ирыстонæй куы баздæхы, уæд Жалейы цинæн кæрон нал вæййы. Уæд йæ музейы экспонатты тыххæй дзурдзæн æмæ дзурдзæн.
Музейы экспонатты тыххæй радзурын йе `рвылбоны куыст у Пухаты Жалейæн. Фæлæ йæ сæйрагдæр хæсыл æндæр хъуыддаг нымайы - адæмы удварны хæзнадон хъæздыгдæр кæнын. Зæгъæн ис, æмæ Турчы цæрджыты базонгæ кодта аивады ног хуызимæ. Диссагæн æм цæуынц æнæкæрон Стамбулы алы рæттæй. Уæвгæ, цæмæн канд Стамбул? Арæх Жале йæ музеимæ йæхæдæг дæр ацæуы Турчы æндæр горæттæм. Адæмы зæрдæмæ афтæ фæцæуы йæ куыст, æмæ ма йæ ногæй бацагурынц. Æмæ та сæм ногæй ацæуы. Æрмæст алы ран дæр фæнысан кæны, Пухаты Жале ирон чызг кæй у.
Хъулаты Юрий
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Ещё видео!