Бæстæйы æфсæддон намыс æмæ хъару æвдисæг мадзал. Республикæйы радон хатт байгом æфсæддон форум "АРМИЯ". Ныр цыппæрæм хатт республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ æхсызгонæй архайынц цымыдисаг мадзалы. Кадджын уавæры форум байгом кодта Сергей Меняйло.
Заууат уавæрты цæрынæй бафæлладысты. Доваторы номыл проспекты бирæфатерон хæдзæрттæй иуы цæрджытæ хъаст кæнынц сæ хæдзар заууатмæ кæй æрцыд, уымæй. Куыд аиуварс кæнæн ис сæвзæрд фарстатæ, уый нæ программæйы.
Зынгсирвæзты ныхмæ æдасдзинады системæ хъуамæ куса æнæ къуылымпытæй. Ахæм нысанимæ афæдз цалдæр хатты, уæлдайдæр та ахуыры азы райдиан Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ саразынц сæрмагонд мадзæлттæ. Хъæугæ архайды тыххæй - радзурдзыстæм бæлвырддæр.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
youtube.com/irystontv
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv
Ещё видео!