Туркмæ баздæхæм. Цæмæн, зæгъгæ, исчи куы бафæрса, уæд ын дзуапп ссардзыстæм. 24-æм августы Турчы цæрæг ирон адæмы хъæппæрисæй Стамбулы сараздзысты ирон культурæйы фестиваль. Цæгат Ирыстонæй йæм архайынмæ хъуамæ абалц кæной нæ зындгонддæр артисттæ æмæ сфæлдыстады кусджытæ. Фыдыуæзæгæй историон цауты аххосагæй дард чи фæхауд, уыдонæн фæхай кæндзысты сæ курдиатæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм фестиваль Турчы цæрæг ирон адæм фыццаг хатт нæ аразынц. Фарон ын æвдисæн уыдис не сфæлдыстадон къорд дæр. Рауад тынг зæрдæмæдзæугæ. Кæрæдзийы арæх кæй нæ уынæм, уый иу адæмы дыууæ хайы фембæлд кодта уæлдай ахсджиагдæр. Бынæттон ирон адæмы æхсæнады сæрдар Хъуысаты Садреттин нын куыд радзырдта, афтæмæй ахæм фестивальмæ зæрдиагæй фæцæттæ кæнынц. Ныр дæр уыдзæн афтæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Ещё видео!