Цæгат Ирыстонмæ æрцыд æцæг зымæг. Чи дзоныгътыл хъазы, чи та митæй лæгтæ аразыныл фæцалх. Коммуналон службæтæм та уæдæ худæг нæ фæкаст - æхсæвы дæргъы æгъуыссæг фесты мит æфснайынæй.
Ракъахдзæф кæн æмæ хæдтулгæйы капотмæ! 29-æм æфсæддон городочы ныр афæдзы дæргъы бæстыхæйтты рацæуæнты хæдтулгæтæ сцæнд кæнынц. Адæм хъаст кæнынц, уавæр та нæ ивы. Дзуаппдæттæг нæй.
Ахсæв сын сæ ном зæгъын кæндзысты. Дзадджын фынгтæ æмæ былдауæн ныхæсты руаджы. Алы ирон хæдзарвæндаджы дæр бакувдзысты сæ бынаты хицаумæ, ссардзысты сæ хæйрæджыты ном.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Ещё видео!